Өлеңдер сөздерi / текст песни
Роман Джихаев - Роман Джихаев - Мæ сæфт хуры хай | Текст песни
Мæ сæфт хуры хай, сау рæсугъд чызгай, ой
Мæ хъис фæндырæй дæуæн куы зарын, ой
☺Дæ фæлмæн зæрдæ, дæ мидбыл бахудт,ой
Мæн дæр куы тавынц, нанайы рæсугъд, ой.☺ (2 хатты)
Дæ сау дзыккутæ, дæ сау æрфгуытæ, ой
Æппынæдзух дæр мæ цæстыл уайынц, ой
☺Дæ фæлмæн ныхас, дæ аив бакаст, ой
Мæ зæрдæйы ис, сау рæсугъд чызгай, ой.☺ (2 хатты)
Мæ сæфт хуры хай, сау рæсугъд чызгай, ой
Мæ хъис фæндырæй дæуæн куы зарын, ой
☺Дæумæ бæлгæйæ, дæумæ кæсгæйæ, ой
Мæ сусæг уарзтæй æдзух куы тайын, ой.☺ (2 хатты)
Комментарии: