Өлеңдер сөздерi / текст песни
Мурат Доев - Ирон (Кæд ма дæ ирон)
28.05.2026
5
Фæндыры зæлтæй фæдзуры мæ зæрдæ
Æмæ йæ бамбар, кæд ба уа дæ бон.
Курын дæ ме фсымæр, байхъус мæ зарæгмæ,
Дæуæн æй зарын кæд ма дæ ирон.
Акæс фæйнæрдæм, æркæс ма та адæммæ-
Чи ма æрбаздæхдзæн Ирæн йæ кад?
Чи ма ныццыргъ кæндзæн фыдæлты хъаматæ?
Чи ма æрхæсдзæн нæ зæххæн бæркад?
Калдысты цырттæ, æрдæгкалд мæсгуытæ,
Фæласы нæ никуыдæм Рохуаты дон.
Чи нæ фæбынæй ис, чи та ма ленк кæны,
Чи та нæ уавæрæн агуры фсон.
Фæндыры зæлтæй фæдзуры мæ зæрдæ
Æмæ йæ бамбар, кæд ба уа дæ бон.
Курын дæ ме фсымæр, байхъус мæ зарæгмæ,
Дæуæн æй зарын кæд ма дæ ирон.
Кæд ма дæ ирон...
Æмæ йæ бамбар, кæд ба уа дæ бон.
Курын дæ ме фсымæр, байхъус мæ зарæгмæ,
Дæуæн æй зарын кæд ма дæ ирон.
Акæс фæйнæрдæм, æркæс ма та адæммæ-
Чи ма æрбаздæхдзæн Ирæн йæ кад?
Чи ма ныццыргъ кæндзæн фыдæлты хъаматæ?
Чи ма æрхæсдзæн нæ зæххæн бæркад?
Калдысты цырттæ, æрдæгкалд мæсгуытæ,
Фæласы нæ никуыдæм Рохуаты дон.
Чи нæ фæбынæй ис, чи та ма ленк кæны,
Чи та нæ уавæрæн агуры фсон.
Фæндыры зæлтæй фæдзуры мæ зæрдæ
Æмæ йæ бамбар, кæд ба уа дæ бон.
Курын дæ ме фсымæр, байхъус мæ зарæгмæ,
Дæуæн æй зарын кæд ма дæ ирон.
Кæд ма дæ ирон...
Комментарии